Ды дæ ацы фарсыл: Пресс-служба (os-RU) > Новости (os-RU)
 Русский (Россия) os-RU

Ног хабæрттæ æмæ хъусынгæнинæгтæ

29 февраля 2012 г. - Цыколайы æртыккæгæм скъолайы ацыд цымыдисаг семинар


Æвзонг иртасæг, афтæ схонæн ис Цыколайы æртыккæгæм скъолайы цы цымыдисаг семинар ацыд, уымæн. Кæд фыццаг къласы ахуырдзаутæ скъоламæ цалдæр мæйы йеддæмæ нæма цæуынц, уæддæр сын бантыст  сæхи æвзæрст темæтæм гæсгæ наукон проекттæ сарæзын.
«Мæ бинонтæ», «Дунейы авд диссаджы», «Дидинджытæ» æмæ ма цалдæр цымыдисаг фарстайæн дзуæппытæ радтой æрыгон иртасджытæ сæ проектæй.
Ибрагим кæд махимæ æфсæрмдзастæй дзырдта, уæддæр йæ наукон куыст æрбацæуæг адæммæ тынг зæрдиагæй фæхæццæ кодта. Ныййарджытæ, районы сфæлдыстады хæдзары кусджытæ иууылдæр æдзæмæй хъуыстой сывæллæттæм. Скъоламæ кæд фыццаг аз цæуынц, уæддæр сæ фæлтæрдджын ахуыргæнæг æмæ ныййарджыты  фæрцы сæ зонындзинæдтæ бæрзонд æмвæзадыл сты. Уый бæрæг уыд ацы мадзалæй.
Куыд ма уа, арфæйаг хъæуккаг скъолайы ахæм цымыдисаг, скъоладзаутæн ахъазаг мадзæлттæ аразынмæ чи нæ зивæг кæны, уыцы ахуыргæнæг. Химилонты - Гобеты Азæ йæ царды фылдæр хай балæвар кодта кæстæр фæлтæрты хъомыладæн. Рæстæгимæ æмдзугæнгæйæ архайы, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ царды ног домæнтæн дзуапп дæдтой.
Уæдæ Азæйы кълас мадæлон æвзаг йæхи фыст чингуытæм гæсгæ кæй ахуыр кæнынц, уый та сын уæлдай хъару дæтты. Рухстауæны отличник,  2008 азы Уæрæсейы президенты грант рамбулæг, нæ республикæйы ахуыргæнæн чингуыты экспертизæгæнæн экспертон къамисы уæнгæй уырны,  сывæллон райдиан кълæсты ахуырмæ куы сразæнгард уа, уæд дарддæр дæр арæхстджынæй æвдисдзæн йæхи.
Сосранты Жаннæ

 
28 февраля 2012 г. - Ольгинскæйы скъолайы ацыд районы семинар


Патриотон хъомылады мæйон æххæст кæнгæйæ Ольгинскæйы скъолайы ацыд районы семинар. Арæзт æрцыд æртæ хайæ. Сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ равдыстой   Уæрæсейы æмæ Ирыстоны историйæ, æрлæууыдысты зындгонд поэт Хуыгаты Сергейы сфæлдыстадыл, уый фæстæ сын уыд æртæ фæлтæримæ фембæлд.  

Бирæ ногдзинæдтæ базыдтой сæ хъæуы тыххæй. Райгуырæн зæххы сæраппонд се мхъæуккæгтæ цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдон сын сæ бафтыдтой арф хъуыдытыл. Ахуыргæнджыты нысан у, ахæм мадзæлтты фæрцы хъæуы хъæздыг истори  фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттын.

Фыццаг гом урочы сывæллæттæ сæ ахуыргæнæг Тыбылаты Беллæимæ бæстон æрныхас кодтой нæ егъау райгуырæн бæстæ æмæ нæ чысыл Ирыстоны ирддæр иторион цаутыл. Скъоладзаутæ хъуамæ зоной æмæ аргъ кæной сæ фыдæлтæй сын цы хъæздыг бынтæ баззад, уыдонæн. Уазджытæ сын сæ зонындзинæдтæн скодтой стыр аргъ. 5-æм къласонтæ разындысты æцæг патриоттæ. Алчидæр сæ Ирыстоны рæсугъд фидæныл зæрдæйæ кæй бацархайдзæн уый дызæрдыккаг нæу.

"Цæр, мæ Ир". Ахæм сæргондимæ фысджытæ æмæ хъæуы хистæртимæ фембæлд уыд Кънататы Дзерассæ цы урок бацæттæ кодта, уым. Сæйраг темæ уыд, Хуыгаты Сергейы цард æмæ сфыæлдыстад. Æмæ хуымæтæджы нæ. Сергей удуæлдайæ тыхсы æмæ тох кæны рæстдзинадыл.  Йе сфæлдыстад фæсивæды ахуыр кæны хæлардзинадыл. Фембæлды рæстæг рæзгæ фæлтæрæн скодтой сæхи ныстуантæ хъæуы хистæртæ дæр. Урочы сæйраг хъуыды уыд – сывæллæтты зæрдæты Ирыстонмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын, стæй сæ æгъдауыл ахуыр кæнын.

Фæстæдæр скъоладзаутæн уыд æртæ фæлтæры фембæлд. Хуын æм æрцыдысты Афганистаны æмæ Цæцæны хæсты архайджытæ, стæй йæ фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ чи фæмард уыцы милицæйы кусджыты ныййарджытæ.  Сæ уарзон хъæу æмæ райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнынын тыххæй хæцæнгарз сæ къухмæ бирæтæ райстой уыдоны сгуыхтдзинæдтæ рохгæнæн нæй.

Ацы рæнхъытæ чи нæ зоны Ирыстоны ахæм адæймаг стæм разындзæн. Кочысаты Мухарбег хæсты быдырæй йæ ныййарæгмæ цы фыстæг сæрвыста, уый сси адæмон зарæг. Мамсыраты Хаджумар, Цоколаты Геннадий, Хæтæгты Хæритон Советон Цæдисæн бацыдысты стыр хæрзты.

Ахæм фембæлдты фæрцы фæсивæды миддуне кæны хъæздыгдæр, сæ уды хъæд фидардæр. Уый та ныртæккæйы царды у ахсджиаг. 

 
21 февраля 2012 г. - Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц мадæлон æвзаджы бон


Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц мадæлон æвзаджы бон. Йæ 'вæрæн æм бахаста нæ программæйы æрмæджы хъайтар Бибылты Руслан дæр. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у хъæдæрмæгыл нывгæнæг, фæлæ йæ уæгъд рæстæг ирон æвзагыл фыссы радзырдтæ, æмдзæвгæтæ æмæ цыбыр хъуыдытæ. Æрæджы йын ирон æвзагыл рацыд чиныг, ныр дæр кусы ног чиныгыл.
Хæдахуыр фыссæг Бибылты Руслан йе стырдæр мулкыл нымайы, æрæджы йын ирон æвзагыл цы чиныг рацыд, уый. Ныр та зæрдæргъæвдæй кусы дыккаг чиныгыл. Фæнды йæ сфæлдыстадæй æвæрæн бахæссын ирон æвзаджы рæзтмæ æмæ дыууæ Ирыстоны хæлар ахастдзинæдтæм.
Бибылты Руслан, хæдахуыр фыссæг: "Мæ циндзинад уый у, æмæ дыууæ Ирыстоны иумæ куы уой. Цхинвалы дæр куы 'рсабыр уаиккой æмæ иу лæг куы равзариккой. Нæ Ирыстон дзæбæх куы уаид".
Руслан йæ дæсныйадмæ гæсгæ у хъæдырмæгыл нывгæнæг. Йæ куыстыты фылдæр хай баззадысты Тбилисы. Уым цард, æмæ фæллой кодта йегъау кустуаты, цалынмæ 1991-æм азы зынгонд цаутæ нæ райдыдтой, уæдмæ.
Уалыты Лаврент, поэт, рауагъдад "Ир"- ы редактор: "Уыдæдтæ иууылдæр йæ зæрдæйæн цæфтæ сты. Æмæ йыл дзæбæх æмдзæвгæ ныффыста. Мæнæ ацы чиныджы дæр ис. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыди. Ирон адæмæй дзы æппæлы. Сиды цæмæй кæрæдзийы фылдæр уарзæм".
Русланæн фыссыны курдиат æрдзæй лæвæрд у, уымæн хицæн кæны иннæ фысджытæй. Йæ хъуыдытæ дзы сты цыбыр æмæ бæлвырд. Ирыстоны зынгонд фысджытæ куыд зæгъынц афтæмæй чысыл раздæй æй куы базыдтаиккой, уæд йын мыхуыры фылдæр чингуытæ рацыдаит.
Абайты Эдуард,журналист: "Æнкъардтон цыдæр куырдиаты цæхæр дзы кæй ис. Курдиаты цæхæрыл та фу-фу куы нæ кæнай, уæд мынæг кæны. Æмæ йын афтæ зæгъын мæ бон нæ уыд, "Мæнæ дæхи дæр тухæнæй ма мар æмæ искæйы дæр" Уымæ гæсгæ дзы ныфс буагътон æмæ йæхиуыл куыста. Бацамыдтон ын цы йæ кæсын хъæуы, уый. Æмæ абон куыд уынæм, афтæмæ канд йæ ׳взаг нæ ферох кодта, фæлæ ма дзы фыссæг дæр рауад. Æмæ ма ирон æгъдæуттæ дæр искæмæн зонын кæны".
Хугаты Сергей, рауагъдад "Ир"- ы аивадон хайады сæйраг редактор: "Ахæм фыссæг у æмæ мæнæ цыма фысгæ нæ, фæлæ дзургæ кæны. Æмæ кæсут; "Сидзæры уавæрæй хур дæр тæрсы, фæлæ йæм авд арвæй худгæ кæсы. Бирæ хатт æмбæхсы мигъты йæ сæр. Сидзæр уæд – ахæсты, зæрдæ – мæцъæл. Фæлæ куы базоны хуры рæвдыд,- зæрдыл æрлæууынц мад æмæ фыд"".
Бибылты Русланы курдиат у бирæвæрсыг. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ хъæдæрмæгыл нывгæнæг, йæ зæрдæйы уагмæ гæсгæ фыссæг. Даргъ зымæгон изæрты уарзы дала-фæндыримæ æрвитын Русланы сфæлдыстадæн бирæ аргъгæнджытæ разынд. Йæ фыццаг чиныг "Хъæуон уадындз" бацагуырдта ирон адæмы зынгонд поэт, профессор Джыккайты Шамиль.
Бибылты Руслан: "Чиныг мыхуыры куы рацыд, уæд æй йæхимæ схæссын кодта. Æмæ йыл дыууæ къухæй ныххæцыд æмæ афтæ бакодта: " Дæу куыд зонын, уымæ гæсгæ æз æй зонын ам цы фыст ис, уый". Æмæ мын загъта, æз дæ кæдæм хъæуы, уырдæм бакæндзынæн, ды æрмæстдæр фысс".
Хъæлдзæг радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, цыппаррæнхъонтæ, базырджын хъуыдыты æмбырдногды чиныг рухс кæй федта, уымæй Руслан у амондджын. Æвæццæгæн, 90 азты цы зындзинæдтæ бавзæрстон мæ бинонтимæ, уыдон дзæгъæлы нæ уыдысты, ныр та дарддæр дæр хъæуы архайын Ирыстоны æмæ ирон æвзаджы сæраппонд.
Бибылты Руслан кæд хæдахуыр фыссæг у, уæддæр йæ сфæлдыстад зæрдæмæ фæндаг ссардта, уымæн æмæ фыссы хумæтæг адæмы цардыл. Йæ сагъæс та у, цæмæй дыууæ Ирыстоны баиу уой. Йæ фыццаг чиныджы ис ахæм рæнхъытæ: «Фылдæр нæм уæд гуырид лæппутæ, нæ лæууид сæ разы къæдзæх. Æппариккам арвмæ нæ худтæ – Дыууæ Иры куы суаид æмзæхх».
Моргуаты Ладæ

 
21 февраля 2012 г. - Тæвд хæринаг скъоладзаутæн


Скъолаты хæрæндæтты уавæрмæ ныртæккæ стыр æргом здæхт цæуы. Архайынц сывæллæттæн афойнадыл хъарм хæринаг кæныныл. Цæмæй скъоладзаутæ æххормаг ма уой, уый тыххæй ахуырад æмæ наукæйы министрад алкæуыл дæр бон хардз кæны райсомы хæрдæн 15 сомы, сихоры хæрдæн та 32 сомы. Алагиры районы скъолаты ацы фарстайы уыд къуылымпытæ. ныр хъуыддаг аивта æмæ къуырисæрæй нырмæ сывæллæттæ æххæст сты тæвд хæринагæй.
Алагиры районы скъоладзаутæ тæвд хæринаг æнæкъуылымпытæй исын райдыдтой ацы ахуыры азы райдайæнæй. Сывæллæттæн сæ зæрдæмæ тынг цæуы, скъолайы уæвгæйæ сын бахæрыны фадат дæр кæй вæййы, уый.
Агънаты Аидæ, Алагиры 2-æм скъолайы ахуырдзау: "Алыхуызон каштæ фæхæрæм, хæдзары нын бахæрын куы нæ бантысы, уæд нын ам радтынц".
Цомайты Зарæ бирæ азты кусы хæринаггæнæгæй. Алагиры 2-æм скъолайы та кусын райдыдта хæрзæрæджы. Йе мбалимæ бæстонæй архайынц ууыл, цæмæй сывæллæттæн цы хæринаг скæнынц, уый сæ зæрдæмæ цæуа.
Цомайты Зарæ, Алагиры 2-æм скъолайы хæринаггæнæг: "Райсомæй куы рбацæуæм, уæд ме мбалимæ фæхъуыды кæнæм, цы скæнæм, зæгъгæ, цæмæй сывллæттæ дзæбæх бахæрой æмæ зæрдæхъæлдзæг уой, уый нæ фæфæнды. Цас дзы уавæртæ нæй, уый бæрц нæ удæй цæхæр калæм".
2-æм скъолайы хæрæндон нæ уыд. Уыцы хъуыддаг дæр къуылымпыдзинæдтæ æвзæрын кодта, сывæллæттæн тæвд хæринаг дæттыны фарстайы.
Мæрзойты Маргаритæ, Алагиры 2-æм скъолайы директоры хæдивæг: "70-ай азы дæргъы ацы скъолайы нæ уыд хæрæндон. Æмæ дыууæ къласæй иумæ зарæзтам хæрæндон. Иуы кусынц нæ пъовыртæ, иннæйы та сывæллæттæ фæхæрынц".
Ахуырад æмæ наукæйы министрад алы скъоладзауыл дæр бон хардз кæны райсомы хæрдæн 15 сомы, сихоры хæрдæн та 32 сомы.
Тæвд хæринаг, стæй æнæмæнг дыргътæ. Ахæм хойрæгтæ алы скъоладзау дæр райсы æрвылбон. Уый пайда у сывæллæтты æнæниздзинадæн. Стæй хорзырдæм фæзынд ахуырадон процессыл дæр, зæгъынц ахуыргæнджытæ.
Алагиры 3-æм скъолайы хæрæндон ис рагæй. Фæлæ цалынмæ сæрмагонд программæ нæ фæзынд, уæдмæ куыста ныййарджыты хардзæй. Ныр уавæр аивта æмæ куыд сывæллæттæ, афтæ ныййарджытæ дæр сты тынг разы.
Сокаты Фатимæ, Алагиры 3-æм скъолайы директоры хæдивæг: "1-æм сентябрæй фæстæмæ райдайæн скъолайы сывæллæттæ хæринаг исынц лæвар".
Уæвгæ районы сывæллæттæн тæвд хъæринаг æнæкъуылымпытæй дæттын райдыдтой ацы ахуыры азæй. Алыхуызон аххосæгтæм гæсгæ хъуыддаг амбæлгæ хуызы арæзт нæ уыд. Тынг уазал зымæг кæй уыд, уымæ гæсгæ дæр сæвзæрд зындзинæдтæ ацы фарстайы. Скъолатæ дыууæ къуырийы дæргъы уыдысты æхгæд. Хъуыддаджы ма уыд æндæр къуылымпыдзинæдтæ дæр.
Гозымты Роман, Алагиры районы ахуырады управленийы хицау: "Министрад афойнадыл æхца районмæ нæ рарвыста. Уыцы хæс уыди иу милуанмæ ввахс. Ныртæккæ æхца бафастам, хæс цы куыстуæттæй дардтам, уыдонмæ. Балхæдтам, цы æмбæлыди, уыдон се ппæт дæ рæмæ тæвд хæринаг сывæллæттæн дæттын райдыдтам".
Районы скъолатæм хойраг æрбаластой майрæмбоны æмæ сабаты. Æмæ къуырисæрæй нырмæ сывæллæттæ алцæмæй дæр сты æххæст. Уавæр æвзæрырдæм нал аивдзæн, зæгъынц Алагиры районы разамынды.
Гугкаты Иринæ

 
15 февраля 2012 г. - Республикæйы скъолатæ кусын райдыдтой æрвылбоны фæткмæ гæсгæ


Республикæйы скъолатæ кусын райдыдтой æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Æхгæд ма сты æрмæст Дыгуры районы скъолатæ. Уыдоны дæр уроктæ райдайдзысты райсом. Абон та байгом сты Алагиры районы æппæт скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ. Уыдон æхгæд уыдысты канд карантины нæ, фæлæ ма æндæр аххосаджы тыххæй дæр.
Алагиры 5-æм скъолайы филиалы хицау Бирæгъзæнджы Хъæрджынты Альбинæ афтид скъолайыл ахуыр у. Февралы бавзæрстой бæлвырд зындзинæдтæ. 4 боны æхгæд уыдысты карантины. Ныр та цалдæр боны нæ ахуыр кодтой, газуадзæны куыст кæй фæкъуылымпы ис, уымæ гæсгæ.
Хъæрджынты Альбинæ, Алагиры 5-æм скъолайы филиалы хицау Бирæгъзæнджы: "12-æм февралы газы хæтæлтыл авари æрцыдис æмæ скъола уыдис уазал æмæ æхгæд æрцыд 2 бонмæ. Нæ зæрдæ дарæм æртыццæджы кæй райдайдзысты нæ уроктæ".
Ныр 2 къуырийы Алагиры районы скъолатæ куыстой сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Райдианы æхгæд æрцыдысты карантины, сывæллæттæ рынчын кæй кодтой æмæ уазал кæй уыдис, уый тыххæй. Ивгъуыд къуыри та ахуырадон процесс бауырæдтой газ сæм кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Цыбыр рæстæгмæ лыггæнинаг фарстатæ аиуварс кодтой. Абонæй фæстæмæ районы æппæт скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ кусынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ.
Гозымты Роман, Алагиры районы ахуырады управленийы хицау: "Ныртæккæ фадæттæ фæхуыздæр сты, газ дæр радтой, сывæллæттæ дæр цæуынц. Нырма уал бирæ нæ. Æвæццæгæн, ныййарджытæ тæрсынц сæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ кæнын".
Алагиры 6-æм рæвдауæндоны се ппæт агъуыстыты хъарм нæма у. Кусы уал дзы 2 къорды. 165 хъомылгæнинагæй фыццаг бон рæвдауæндонмæ æрбацыдысты æрмæстдæр 32.
Агънаты Мæдинæ, Алагиры 6-æм рæвдауæндоны кусæг: "Ныртæккæ къордты бирæ сывæллæттæ нæй. Цалдæр къорды баиу кодтам. Рæстæг куыд цæуа, афтæ ныййарджытæн дæр дзурдзыстæм, рæвдауæндон кусы, зæгъгæ. Стæй нæм цæмæй хъармдæр уа, уый тыххæй нæм æрбацыдысты кусæг адæм".
Ахуырады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы уавæр сывæллæтты ахуырыл нæ фæзындзæн. Электрон хыз «Дневник.ру»-йы руаджы сын хæслæвæрдтæ амыдтой æмæ скъолайы программæ куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд цыдис.
Хъайтмазты Дзерассæ

 
13 февраля 2012 г. - Дзæуджыхъæуы ацыд сывæллæтты иртасæн куыстыты конкурс


Дзæуджыхъæуы ацыд сывæллæтты иртасæн куыстыты конкурс "Я познаю мир". Йæ архайджытæ уыдысты республикæйы 25 скъолайы райдиан кълæсты ахуырдзаутæ.
Конкурс арæзт цæуы æсæзæм хатт. Сывæллæттæ дзы цы арæхстдзинад равдисынц, уый сæ иртасæн куыстмæ тынгдæр разæнгард кæны. Ацы хатт, жюримæ сæ куыстытæ рахастой 16 категоримæ гæсгæ. Сывæллæттæ хорз зонындзинæдтæ равдыстой литературæйæ райдай, æмæ экономикæйæ фæу. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты къуырийы фæстæ.
Конкурсы сабитæ се ргом аздæхтой адæмы риссагдæр фарстатæм. Уæлдæфы темæйыл дзургæйæ скъоладзаутæ бацæттæ кодтой спъирт заводы макет. Равдыстой дзы, хъæбæр нозт кæнгæйæ чидæртæ æхцайы куыст кæнынц, æрдз та дзы чъизи кæй кæны, уый. Конкурс аразджытæ нысан кæнынц, иннæ аз сыхаг республикæты минæвæртты дæр æрбахонын. Фидæны ерысты архайыны хъуыды хорзыл банымадтой Хъæрæсе –Черкеси æмæ Стъараполы край.
Æвзонг иртасджытыл кæд азтæ чысыл цæуы, уæддæр ныридæгæн зонадмæ бахастой стыр æвæрæн.

 
10 февраля 2012 г. - Колмогоровы бакастытæ


Зонадон форум кадджын уавæры байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты «ЮНЕСКО»- йы залы.
Скъоладзаутæ, студенттæ æмæ дзы æрыгон аспиранттæ сæ зонындзинæдтæ æвдисынц математикæ, физикæ æмæ информатикæйæ. Конференцийы уыд уацхæссæг Дзантиаты Райæ дæр, æмæ йын ныхасы бар.
Наукон-практикон конференци "Колмогоровы кæстытæ" арæзт æрцыд Уæрæсейы нæукæйы бонмæ. Ацы конкурсы архайынц скъоладзаутæ, студенттæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ. Цалдæр боны иртасджытæ дзурдзысты, математикæ, физикæ æмæ информатикæйæ цы темæтыл бакуыстой, уыдоныл. Уымæй уæлдай ма сын цыппар боны наукон доктортæ æмæ профессортæ кæсдзысты лекцитæ.
Къусраты Анатолий, Дзæуджыхъæуы наукон центры сæрдар: "Конференцийы мидис у, цæмæй æвзонг фæсивæд, скъолайы ахуыргæнинæгтæ фылдæр сæ хъус дарой ахуырадмæ æмæ иртасæн куыстмæ. Уымæн æмæ иртасæн куыстмæ ахæм хъусдард нал ис, стæй царды дæр æнæмæнг хъæуы. Фæнды мæ, цæмæй нæ фæсивæд тырной ацы ахсджиаг фарстамæ".
Конференцийы архайджытæ ма сæхи фæлвардзысты хуыздæр иртæстыты конкурсы. Ахæм мадзæлтты руаджы скъоладзаутæн фидæны æнцондæр уыдзæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуын, стæй базонгæ уæвын кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ.
Фидараты Батрадз, Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы ахуырдзау: "Ацы куыстыл æз архайдтон аз æмæ æрдæг. Физикæ предмет равзæрстон уымæн æмæ мæ фыд дæр физик у, стæй мæхи зæрдæмæ дæр тынг цææуы. Æз фæнд кæнын мæ цард ацы физикæйымæ сбæттын".
Мамытаты Аидæ, Октябрьскийы 1-æм скъолайы ахуырдзау: "Æндæр аз æз архайдтон ацы конкурсы, бацахстон дзы 1-аг бынат æмæ ацыдтæн Уæрæсейы конкурсмæ, уырдыгæй æрцыдтæн 4-аг бынатимæ. Фарон ма архайдтон конкурс «Къахдзæф фидæнмæ», уым та математикæйæ райстон 2-аг бынат".
Конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ жюри сбæлвырд кæндзысты хуыздæр куыстытæ. Уæлахиздзаутæн уыдзæн фадат Æппæтуæрæсейон наукон-практикон конференцийы архайынæн.

 
8 февраля 2012 г. - Наукæйы бонмæ ма арæзт æрцыд æрвылазон зонадон конференци


Наукæйы бонмæ ма арæзт æрцыд æрвылазон зонадон конференци. Ацы хатт дзы архайдтой Цæгат Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Цæцæны республикæты, æмæ Стъараполы крайы ахуыргæндтæ.
Зонадон фембæлды райдиан директор Владислав Заалишвили се ппæты базонгæ кодта, ныхас цы ахсджиаг фарстатыл цæудзæн, уыдонимæ. Сæ фылдæр баст сты Цæгат Кавказы геофизикæимæ. Сæрмагондæй та - Кавказы горæтты сейсмологон æмæ экологон уавæримæ, куыд фæзынынц адæмы æнæниздзинадыл æмæ æрдзыл. Стыр иртасæн куыст цæуы хæхты геофизикон хицæндзинæдтыл. Уыдон хъуамæ, æнæмæнг, бæрæггонд цæуой, горæтты арæзтадты рæстæг.
Музаты Илларион, УФ-йы наукæты академийы Цæгат Ирыстоны геофизикон иртæстыты центры директоры хæдивæг: "Мах цы куыст кæнæм, уый тынг хъæугæ у. Алы къабæзты архайдæн дæр ахадгæ вæййы. Арæзтад, хæхты æмæ зæххы уæлцъары иртасæн куыст, уæлдæфы æмæ доны сыгъдæгдзинад, уæлдайдæр та зæххы æнкъуыстытæ – алцыдæр иртасæм. Æмæ цы хатдзæгтæ скæнæм, уыдон арвитæм алыхуызон куыстуæттæм, цæмæй дзы пайда кæной".

 
First
Prev
1
2
Next
Last
All
       

Счётчики посещений сайта